О, мæ хуры хай, рæсугъд чызгай,
Ды дæ æнусмæ мæ цард, мæ цин,
Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,
Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд.

Фæрнæй фæцæрай мын, мæ царды дидинæг,
Ды мын ыссыгътай мæ риу.
Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,
Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд.

О, мæ дуне, фæрнæй цæрай,
Æхсызгон мын у дæ уынд, дæ конд.
Дæу цы бон федтон, мæ хуры хай,
Уæдæй дын мæ цард нывонд…

Фæрнæй фæцæрай мын, мæ царды дидинæг,
Ды мын ыссыгътай мæ риу.
Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,
Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд.